13 Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Уыцы заман, паддзах кӕй арвыста, уый дӕр Михамӕ бахӕццӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Хорз уаид, ды дӕр сӕ куы бафӕзмис ӕмӕ хорзӕй исты куы зӕгъис».
Паддзахмӕ куы бацыди, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уый йын дзуапп ын радта: «Ацӕут, ӕнтыстджын уыдзыстут, уӕ къухтӕм ӕрцӕудзысты лӕвӕрд».
Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.
Пехуымпар Йеремиа сын дзуапп радта: «Хорз, ӕз скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, сӕххӕст уын кӕндзынӕн уӕ курдиат. Дунедарӕг уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕндзынӕн, иу дзырд дӕр дзы нӕ басусӕг кӕндзынӕн».
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕджы зӕд Балаамӕн: «Ацу ацы адӕмимӕ, фӕлӕ-иу дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзур». Ӕмӕ ацыди Балаам Балакы уӕздӕттимӕ.
Уый йын дзуапп радта: «Дунедарӕг мын мӕ комы цы бавӕрдта, уый хъуамӕ, куыд у, афтӕ ма зӕгъон?»
Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕгӕй цы базыдтон, ӕз уый сымахӕн дӕр бацамыдтон: гадзрахатӕй Йыл куы рацыдӕуыд, уыцы ӕхсӕв Бардарӕг Йесо райста дзул,
Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.
Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.
Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта Фарны Уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у — архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл.