Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:10
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Иннӕ пехуымпартӕ дӕр се ’ппӕт дӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацу Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕуӕлахиз уыдзынӕ! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн».


Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат сӕ къӕлӕтджынты, сӕ паддзахы дарӕсты, бадтысты Самарийы кулдуары раз, мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.


Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».


Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.


Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»


Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.


Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.


Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.


Уӕ цӕстылуайӕн — мӕнг, уӕ рагуац дӕр — фӕлывд! Сымах дзурут: „Уый Дунедарӕг загъта“, афтӕмӕй та Ӕз нӕ загътон.


Йӕ пехуымпартӕ кӕнынц цӕстфӕливӕн митӕ, сӕ цӕстылуайӕнтӕ — мӕнг, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц: „Уый Дунедарӕг Хуыцау загъта“, афтӕмӕй та Дунедарӕг ницы загъта.


Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ