1 Иосафат уыди бонджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Ахавимӕ хӕстӕгдзинад бакодта
Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.
Дыууӕ азы дӕргъы Сири ӕмӕ Израилы ’хсӕн хӕст нӕ уыди.
Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Ахазиайы мад Атали йӕ лӕппуйы амӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд бардзырд радта иудейаг паддзӕхты мыггаг сыскъуыныны тыххӕй.
Йе ’наккаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, уыимӕ Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг Ахавы чызг уыд. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.
Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.
Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах.
Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд ӕй Израилы паддзах фӕхуыдтой ӕмӕ йӕ алыварс ӕртыхстысты, цӕмӕй йемӕ схӕцой. Иосафат ныхъхъӕр кодта, ӕмӕ йӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, Хуыцау ын сӕ йӕ цурӕй иуварс аздӕхта.
Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.
Иу заман Иосафат ӕмдзӕхдон сси Израилы паддзах Ахазиаимӕ, ӕнаккаг митӕ чи кодта, уыимӕ.
Йе ’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
Ӕнӕуырнджытимӕ иу уӕрдоны уӕхи ма баифтындзут. Рӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдӕн, рухс ӕмӕ талынгӕн иумӕйагӕй исты ис, мыййаг?