Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 17:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 17:4
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»


Ӕмӕ йӕ уыцы ми расайдта тӕригъӕдтӕ. Адӕм уӕнгуытӕн сӕ иумӕ кувынмӕ цыдысты Данмӕ.


Йӕхи фӕндӕй кӕй снысан кодта, ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон, уыцы бон Израилы адӕмӕн Вефилы скодта бӕрӕгбон, уым цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕмӕй-иу нывондхӕссӕны цурмӕ бацыд йӕхӕдӕг, нывӕндтӕ йыл ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ йыл буд басудзынмӕ.


Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта.


Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,


Фӕлӕ иудейӕгтӕ дӕр не ’ххӕст кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой израилӕгты.


Йе ’наккаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, уыимӕ Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг Ахавы чызг уыд. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.


Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.


Дунедарӕг аудыдта Иосафатыл, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта, йӕ фыдӕл Давид йӕ паддзахиуӕджы райдиан цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдон: Баалтӕн нӕ куывта,


Уыцы заман ӕм пехуымпар Илийа ӕрбарвыста ахӕм фыстӕг: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау: ды нӕ бафӕзмыдтай дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ фыд Иосафаты, стӕй дӕ фыды фыд Асайы, Иудейы паддзахы.


Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.


Йотам ахӕм хъомысджын уымӕн сси, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, уыдысты раст.


Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.


Иосиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, уый фӕндагыл цыди ӕмӕ дзы йӕхи нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхта.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон.


Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ