18 уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йозавад ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕстай мин гӕрзифтонг хӕстоны.
Йедиаелы фырттӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ; сӕ мыггӕгты уыди ӕвддӕс мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.
Миныхицӕуттӕ Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: ӕхсарджын хӕстон Елйада ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин лӕджы — ӕрдынтӕ ӕмӕ уартытӕй ифтонг;
Адон иууылдӕр лӕггад кодтой паддзахӕн, ӕгас Иудейы фидаргонд сахарты цы ’фсӕдтӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй уӕлдай.