16 уый дӕлбар — ӕфсады хицау Амасиа, Зихрийы фырт, Дунедарӕгӕн бархийӕ лӕггадгӕнӕг, йемӕ — дыууӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны.
Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.
Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.
Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.
уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йоханан ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстай мин лӕджы;
Миныхицӕуттӕ Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: ӕхсарджын хӕстон Елйада ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин лӕджы — ӕрдынтӕ ӕмӕ уартытӕй ифтонг;
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
— Израилы йӕ фӕтӕгтӕ хӕстмӕ куы кӕной, адӕм цингӕнгӕ тохмӕ куы цӕуой, — Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!
Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!