14 Мӕнӕ сӕ номхыгъд сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — миныхицӕуттӕ: ӕфсады хицау Адна ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны;
Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.
Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.
Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.
Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.
Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ.
уый дӕлбар — ӕфсады хицау Йоханан ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстай мин лӕджы;
Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ.
дыккаг мӕйы фыццаг бон ӕгас дзыллӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр ӕппӕт нӕлгоймӕгты дӕр, фӕстаг лӕджы онг, хӕдзаргай, хӕдзарвӕндаггай, номгай сфыстой.
«Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр номхуындӕй.