13 Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ.
Йедиаелы фырттӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ; сӕ мыггӕгты уыди ӕвддӕс мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.
Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.
Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.
Мӕнӕ сӕ номхыгъд сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — миныхицӕуттӕ: ӕфсады хицау Адна ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ мин ӕхсарджын хӕстоны;