Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 17:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 17:11
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.


Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ.


Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ.


Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.


Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах.


Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны.


Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.


Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин ластой йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджертӕ, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕ ӕмӕ суанг Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр.


Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.


Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон.


Демӕ сӕудӕджер кодтой Арави ӕмӕ Кедары ӕппӕт ӕлдӕрттӕ. Уӕй дын кодтой уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ