10 Иудейы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоныл Дунедарӕджы раз тас бахӕцыд, ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хастой Иосафаты ныхмӕ схӕцынмӕ.
Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.
Аса сӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары онг фӕсырдта. Цагъды фесты эфиопӕгтӕ, иунӕг дӕр сӕ нал аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йе ’фсад рацыдысты сӕ ныхмӕ. Иудейӕгтӕ ратӕлӕт кодтой ӕнӕнымӕц ӕфтиаг.
Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.
Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».
Бӕстӕйы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны цӕрджыты стыр тас бацыди, Дунедарӕг Израилы фыдгулты ныхмӕ Йӕхӕдӕг хӕцыд, уый куы фехъуыстой, уӕд.
Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд.
Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.
Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй.