Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:7
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Демӕ мӕ фӕнды цӕдис скӕнын, мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Цӕдисы нысанӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ курын: Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал ӕмӕ бацархай, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй айса йӕхи».


Иуахӕмы Дунедарӕг Хананийы фырт Йегуйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй Баасайӕн зӕгъа:


Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.


Иудейаг паддзӕхтӕй Езекиайы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн йӕ зӕрдӕ никуы ничи дардта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл.


Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»


Паддзах Аса ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейӕгты ӕмӕ, дурӕй, хъӕдӕй, Бааса фидар аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон Рамайы сахарӕй рахӕссын кодта, Гевӕ ӕмӕ Мицпайы фидӕрттӕ дзы сарӕзта.


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Иосафат цыди йӕ фыд Асайы фӕндагыл, иуӕрдӕм дзы никуы фӕзылди, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта.


Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».


Арамы ӕфсад стыр нӕ уыди, фӕлӕ сын Дунедарӕг бирӕ тыхджындӕр ӕфсад сӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. Афтӕмӕй арамейӕгтӕ стӕрхон кодтой Иоасӕн.


Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ