Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Паддзах Аса ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейӕгты ӕмӕ, дурӕй, хъӕдӕй, Бааса фидар аразынӕн цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон Рамайы сахарӕй рахӕссын кодта, Гевӕ ӕмӕ Мицпайы фидӕрттӕ дзы сарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:6
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ.


Ныр паддзах Аса та фӕдзырдта иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, фӕстаг лӕджы онг иууылдӕр куыд ӕрбацӕуой, афтӕ. Рамайы сахарӕй сын рахӕссын кодта, Бааса фидар аразынӕн дурӕй, хъӕдӕй цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон ӕмӕ уыцы ӕрмӕгӕй ногӕй рацарӕзта, Бениамины зӕххыл цы сахартӕ уыд, уыдон — Гевӕ ӕмӕ Мицпа.


Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.


Бааса уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд Рамайы фидар аразыны куыст ныууагъта.


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


Уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, паддзахы галуан ныххӕлӕттаг кодтой. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ устыты акодтой уацары. Йӕ фырттӕй йын, йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайӕ фӕстӕмӕ, уым никӕйуал ныууагътой.


афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.


Йеремиа ацыди Мицпамӕ, Ахикамы фырт Гедалиамӕ, ӕмӕ ма адӕмӕй сӕ бӕстӕйы кӕй ныууагътой, уыдоны ’хсӕн царди йӕ разы.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Самуел Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта Мицпамӕ, Дунедарӕджы размӕ.


Алы аз дӕр-иу ӕрзылди Вефил, Гилгал ӕмӕ Мицпайыл ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕтты тӕрхон кодта Израилӕн.


Израилӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Мицпамӕ, ӕвгӕдтой дон ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз калдтой. Уыцы бон уым ком фӕдардтой ӕмӕ фӕсмонӕй сӕхи хордтой: «Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм». Самуел Мицпайы сси израилӕгты фӕтӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ