Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл, ӕмӕ Израилы сахарты ныхмӕ йе ’фсады хицӕутты арвыста. Уыдон бацахстой Ийон, Дан ӕмӕ Авел-Маим, стӕй, Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕфтауцуӕттӕ цы сахарты уыдысты, уыдон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:4
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдоны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ.


Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ арвыста Израилы ныхмӕ. Уыдон бацахстой Израилы сахартӕ Ийон, Дан, Авел-Бет-Мааха, уыимӕ Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕппӕт зӕхх, стӕй Киннереты алыварс зӕххытӕ иууылдӕр.


Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ.


Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.


«Мӕн фӕнды демӕ цӕдис скӕнын, нӕ фыдӕлты ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Лӕварӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин. Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй йӕхи айса».


Бааса уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд Рамайы фидар аразыны куыст ныууагъта.


Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.


Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон.


Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.


Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ ӕгады бынаты уыдысты, фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон: Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.


Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.


ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ