Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «Мӕн фӕнды демӕ цӕдис скӕнын, нӕ фыдӕлты ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Лӕварӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин. Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй йӕхи айса».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:3
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах фӕдзырдта гивонӕгтӕм. Гивонӕгтӕ израилӕгтӕй нӕ, фӕлӕ, аморӕгтӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕй уыдысты. Израилӕгтӕ сын кӕддӕр ард бахордтой, удӕгасӕй сӕ кӕй ныууадздзысты, уый тыххӕй, фӕлӕ Саул, израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтыл тыхсгӕйӕ, сӕ цӕгъдыныл нӕ ауӕрста.


Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ.


Уӕд Аса Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ галуаны хӕзнадӕттӕй райста ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Бен-Хададӕн Дамаскмӕ арвыста. Бафӕдзӕхста йын афтӕ зӕгъын:


Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл, ӕмӕ Израилы сахарты ныхмӕ йе ’фсады хицӕутты арвыста. Уыдон бацахстой Ийон, Дан ӕмӕ Авел-Маим, стӕй, Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕфтауцуӕттӕ цы сахарты уыдысты, уыдон.


Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.


Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Уыдон уыдзысты дурзӕрдӕ, ӕнауӕрдон, хахуыргӕнӕг, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, ӕгъатыр, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн знаг;


фӕлӕ сымах дӕр ацы бӕстӕйы цӕрджытимӕ ма бафидаут, ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ». Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Уый цы бакодтат?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ