Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:11
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».


Амациайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


Озиайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, ныффыста пехуымпар Исайа, Амоцы фырт.


Йотамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе ’ппӕт хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ царды уаджы ӕгъдау фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».


Езекиайы хицаудзинады иннӕ хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ хорз хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Исайайы, Амоцы фырты, цӕстылуайӕны, стӕй Иудей ӕмӕ «Израилы паддзӕхты чиныджы».


Ноджы ма Шафан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Сауджын Хилкиа мӕм тухгӕ чиныг радта». Ӕмӕ йӕ Шафан паддзахы раз бакасти.


райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ