Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 16:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Асайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕхсӕзӕм аз Израилы паддзах Бааса Иудейы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди. Рамайы сахарӕй фидар аразын райдыдта, цӕмӕй Иудейы паддзах Асайы зӕхмӕ бацӕуӕн дӕр мауал уа, уырдыгӕй та — ӕддӕмӕ рацӕуӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 16:1
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы адӕм нывӕндтӕ хӕссыны охыл Йерусалиммӕ куы цӕуой, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, уӕд сӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕн уыдзӕни сӕ бардарӕг Роховаммӕ, иудейаг паддзахмӕ, ӕмӕ мӕн амардзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты уымӕ».


Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фӕндзӕм азмӕ бӕстӕйы хӕст нӕ уыди.


Уыцы заманты балцы цӕуын тӕссаг уыд, ӕппӕт бӕстӕты адӕмтӕ стыр тасы бацыдысты.


Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕмы, стӕй ма, сӕ зӕххытӕм сын Ефрем, Менассиа ӕмӕ Симеоны адӕмӕй чи ӕрбалыгъди, уыдоны. Израилы адӕмӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбалыгъдысты, уымӕн ӕмӕ федтой, Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, йемӕ кӕй ис, уый.


Уӕд Аса Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ галуаны хӕзнадӕттӕй райста ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Бен-Хададӕн Дамаскмӕ арвыста. Бафӕдзӕхста йын афтӕ зӕгъын:


Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.


Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ