Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕмы, стӕй ма, сӕ зӕххытӕм сын Ефрем, Менассиа ӕмӕ Симеоны адӕмӕй чи ӕрбалыгъди, уыдоны. Израилы адӕмӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбалыгъдысты, уымӕн ӕмӕ федтой, Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, йемӕ кӕй ис, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:9
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй.


Мысыраг уыдта, Дунедарӕг Йосефыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый.


Афтӕ фӕтӕригъӕдджын Израил, Давиды хӕдзарвӕндагыл йӕхи куы атигъ кодта, уӕд, ӕмӕ ныронг дӕр уӕрст сты.


Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй дӕр Давидимӕ баиу ис иу къорд, уый филистимӕгтимӕ Саулы ныхмӕ схӕцынмӕ куы цыди, уӕд. Ӕцӕг сын нӕ баххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ ауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхтой. Загътой: «Йӕ хицау Саулы фарс фӕуыдзӕн ӕмӕ нӕ ныхмӕ рацӕудзӕн».


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.


Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз, ӕртыккаг мӕйы, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Йерусалимы.


Иосафат царди Йерусалимы, фӕлӕ та иуахӕмы ӕрзылди бӕстӕйыл, Беер-Шевӕйӕ Ефремы хӕхбӕсты онг. Адӕмы се ’ппӕты дӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, здӕхта.


Чи ӕрӕмбырд ис, уыцы адӕм иууылдӕр цин кодтой: иудейӕгтӕ, сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ израилӕгтӕ, стӕй Израил ӕмӕ Иудейы ӕрцӕуӕггагӕй чи царди, уыдон.


«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“.


Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.


Саул федта, Дунедарӕг Давидыл кӕй ауды, йӕ чызг Мелхолӕ дӕр ӕй кӕй уарзы, уый


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ