Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:8
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Израилы паддзах Йоровамы паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Аса.


Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны ’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта.


Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?“


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Авийа та дарддӕр сырдта Йоровамы. Бацахста йын йӕ сахартӕ: Вефил, Йешана ӕмӕ Ефрон сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Иудейы фидаргонд сахартӕм йе ’фсӕдтӕ барвыста, стӕй ӕгас Иудейы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Аса Ефремы зӕххыл цы сахартӕ бацахста, уыдоны дӕр йе ’фсӕдтон къордтӕ равӕрдта.


Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд».


Иосафат царди Йерусалимы, фӕлӕ та иуахӕмы ӕрзылди бӕстӕйыл, Беер-Шевӕйӕ Ефремы хӕхбӕсты онг. Адӕмы се ’ппӕты дӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, здӕхта.


Уӕд паддзах Езекиамӕ ацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕджы Кувӕндон иууылдӕр ссыгъдӕг кодтам: иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, кувӕггаг дзулты фынг йе ’ппӕт мигӕнӕнӕнтимӕ.


Соломон сарӕзта ӕрхуы нывондхӕссӕн: йӕ дӕргъ уыди ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕлмӕрины.


Соломон Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдта.


Уыцы сурӕт саразыны тыххӕй ракалы кедр, йе та равзары тулдз кӕнӕ ӕндӕр исты фидар бӕлас, йе та ныссадзы нӕзы бӕлас ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын хъӕды бӕлӕсты ӕхсӕн уарынтӕм дзӕбӕх нӕ сырӕзы, уӕдмӕ.


бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.


Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».


Ӕз бацыдтӕн ӕмӕ къултыл федтон алы хилӕгойты ӕмӕ ӕлгъаг цӕрӕгойты нывтӕ, стӕй, Израилы адӕм кӕмӕ куывтой, уыцы алыхуызон гуымирыты нывтӕ.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста.


Ромаг ӕфсымӕртӕ фехъуыстой нӕ хабар ӕмӕ нӕ размӕ рацыдысты Аппийы Фӕз ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ