7 Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут».
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд».
«Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у.
Хуыцау мыл ауды, Уый цӕудзӕни мӕ разӕй; Хуыцауы фӕрцы ме знӕгтӕм уӕлахизӕй кӕсдзынӕн.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бауром дӕ цӕссыгтӕ, дӕ богъ-богъ! Дӕ лӕггады тыххӕй хорзӕх райсдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — знаджы зӕххӕй ӕрыздӕхдзысты.
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд!
Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.
Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Уӕхи хизут, рӕстгӕнджытӕ кӕй стут, уый адӕмы цӕстмӕ ӕвдисынӕй, науӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзыстут уӕ Уӕларвон Фыдӕй.
цӕмӕй, ком кӕй дарыс, уый адӕм ма уыной, фӕлӕ йӕ фена Дӕ Фыд, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, Уый, ӕмӕ дӕ уӕд дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.
Уӕд де ’ххуысы хай уыдзӕни сусӕг, ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.
Ды та, куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ скув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.
Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы.
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.
Йӕ арӕзт хъуыддаг кӕмӕн нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг,
Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ.
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ фӕллойы тыххӕй уӕ Бардарӕг скӕндзӕни Йӕ бындартӕ — уый уыдзӕни уӕ хӕрзиуӕг. Уымӕн ӕмӕ сымах лӕггад кӕнут Бардарӕг Чырыстийӕн.
Уӕдӕ уӕ зӕрдӕдарӕн ма ныууадзут ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.
Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй!
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Афтӕмӕй Хеврон ныронг дӕр у Иефоннейы фырт кенизаг Калевы исбон, Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардта, уый фӕрцы.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.
Уый тыххӕй дын Дунедарӕг Йӕ хорзӕх раттӕд; дӕхи Йе ’вджид бакӕнынмӕ Кӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уыцы Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!»