Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:3
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Иосафат йӕ барджынтӕ Бен-Хаил, Овади, Захариа, Нетанел ӕмӕ Михайы арвыста Иудейы алы сахартӕм, адӕмы ахуыр кӕнынмӕ.


Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!»


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


ӕмӕ израилӕгтӕн амонут, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон».


Дунедарӕг Ааронӕн бафӕдзӕхста:


Мӕнӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ зӕххыл стонг заман ӕруадздзынӕн. Дзул ӕмӕ доны фыдӕй куы фӕмӕлынц, ахӕм дуг нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхас фехъусынмӕ куы бӕлдзысты, ахӕм заман.


Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Иудейаг Ӕгъдау кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыди, уыдон амӕлдзысты, фӕлӕ сын Ӕгъдау тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзӕн. Ӕгъдау кӕмӕн уыди, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыд, уыдонӕн та тӕрхонгонд уыдзӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.


Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, — афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, — цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны.


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,


Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ