Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:2
56 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕмӕй Резон сси Сирийы паддзах ӕмӕ, цалынмӕ Соломон царди, уӕдмӕ уый дӕр Хададау ӕдзух архайдта Израилы ныхмӕ, кастис ӕм фыдгулы цӕстӕй.


Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй.


Мӕ исбонӕй ма цы адӕм баззад, уыдонӕй Ӕз ’Ме ргом аздахдзынӕн, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ ратдзынӕн, стигъджытӕ ӕмӕ абырджыты амӕттаг бауыдзысты.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Алы сахар дӕр сифтонг кодта уартытӕ ӕмӕ ӕрцытӕй, хорз сӕ сфидар кодта. Афтӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины зӕххытӕ баззадысты йӕ дӕлбар.


Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“».


Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Авийа ссыди Цемараимы хохы сӕрмӕ (уый ис Ефремы хӕхбӕсты), ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Йоровам ӕмӕ ӕгас Израил, ӕрбайхъусут-ма!


Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


Фӕлӕ уынгӕджы сахат Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, се ’ргом куы раздӕхтой ӕмӕ Йӕ куы бацагуырдтой, уӕд сӕм Йӕхи раргом кодта.


ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у.


Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи».


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны.


Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон. Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!


зифӕгтӕ Саулмӕ куы ссыдысты ӕмӕ Давиды, йӕхи нӕ бӕстӕйы ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ, куы банымыгътой, уӕд.


Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.


«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Фыдбылызты бӕсты хорздзинадмӕ тырнут ӕмӕ цӕрдзыстут. Уӕд Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыдзӕнис уемӕ, уӕхӕдӕг куыд зӕгъут, афтӕ.


Кӕд Дунедарӕг уемӕ нӕй, уӕд ма ацӕут — знӕгтӕ уӕ ныззыгуым кӕндзысты.


Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»


Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн».


Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.


Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут.


Ӕмӕ Елеазары фырт сауджын Пинхас загъта Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн: «Абон мах базыдтам, Дунедарӕг не ’хсӕн кӕй ис, уый. Сымах Дунедарӕджы ныхмӕ кӕй нӕ рацыдыстут, уымӕй Израилы адӕмы бахызтат Йӕ азарӕй».


Дунедарӕджы куы ныууадзат ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын куы райдайат, уӕд уыл Йе ’ппӕт хӕрзты фӕстӕ Йӕ фыдбылыз бафтаудзӕн ӕмӕ уӕ ныццӕгъддзӕн».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.


Фӕлӕ та-иу Мӕ сымах ныууагътат ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтат. Уый тыххӕй уӕ Ӕз дӕр нал ирвӕзын кӕндзынӕн.


Йотамӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд Геризимы хохы сӕрмӕ ссыди ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Байхъусут мӕм, шехемӕгтӕ, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр уӕ куывд фехъусдзӕн!


Дунедарӕгӕй куы тӕрсат, куы Йын куват, Йӕ коммӕ куы кӕсат, Йӕ фӕндоны ныхмӕ куынӕ лӕууат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл куы цӕуат, уӕд Дунедарӕг уӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕджы коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ Йӕ фӕндоны ныхмӕ куы лӕууат, уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ паддзахы ныхмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ