Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:16
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ фыдымад уыди Авессаломы чызг Мааха.


Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕртӕ азы. Йӕ мад уыди Авессаломы чызг Мааха.


Иудейаг паддзӕхтӕ Ахазы галуаны уӕлхӕдзар цы нывондхӕссӕнтӕ скодтой, Менассиа та — Дунедарӕджы Кувӕндоны дыууӕ кӕрты, уыдон дӕр ныппырх кӕнын кодта ӕмӕ сын сӕ бырон Кедроны тӕрфы ныккалын кодта.


Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз.


Уӕд паддзах бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕры раз хъалагъур хӕссӕг сауджынтӕн, цӕмӕй Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахӕссой, Баалӕн, Ашерӕйӕн ӕмӕ стъалытӕн цы дзауматӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон. Йерусалимӕй сӕ фӕссахармӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ уым Кедроны тӕрфы басудзын кодта. Уый фӕстӕ сын се ’ртхутӕг Вефилмӕ ахӕссын кодта.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе ’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой.


Кӕд Израилы зӕххыл кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, уӕддӕр цӕрӕнбонты тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл.


Сауджынтӕ Кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ дзы ӕнӕсыгъдӕгӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уыдон кӕртмӕ рахастой. Уырдыгӕй та сӕ левиттӕ ахастой Кедроны тӕрфмӕ.


Йерусалимы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны тӕрфмӕ ныппӕрстой.


Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ.


Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ.


Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.


Йесо куы скуывта, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст сты Кедроны тӕрфы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ уым дыргъдонмӕ бацыдысты.


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


Уӕ тӕригъӕд — кӕй сарӕзтат, уыцы гуымирыйы — ӕз арты хай бакодтон, фӕнык ӕй фестын кодтон ӕмӕ уыцы фӕнык, хохы сӕрӕй цы дон цыд, уым бакалдтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ