Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 15:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕмӕ хъӕрӕй расомы кодтой Дунедарӕджы раз, цинхъӕр самадтой, хӕтӕлтӕй Йын цагътой ӕмӕ сыкъауадындзтӕй уасыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 15:14
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна, уый та-иу мӕлӕтмӕ кӕй ратдзысты, ӕрыгон уа ӕви зӕронд, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг, уый та уӕлдай нӕ уыдзӕн.


Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты;


Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн.


Моисей ӕмӕ Аарон Йӕ сауджынты ’хсӕн уыдысты, Самуел та — Йӕ ном Ын чи ары, уыдоны ’хсӕн. Уыдон Дунедарӕгмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сын Уый дзуапп лӕвӕрдта.


Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм».


Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ