11 Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой.
Соломон, Фембӕлды Цатыры раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн лӕууыд, уымӕ ссыди ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, ӕрхаста мин иууылсудзинаг нывонды.
Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.
Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз, ӕртыккаг мӕйы, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Йерусалимы.
Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.
Ӕмӕ мах, цӕмӕй Дунедарӕджы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй Дунедарӕгӕн мысайнагӕн ӕрбахастам, йӕ къухы нӕ кӕмӕн цы бафтыд, уый: сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ, цонгдарӕнтӕ, ӕргъӕвджытӕ, къухдарӕнтӕ, хъусцӕджытӕ ӕмӕ хъуырылдаргӕ фӕлындӕнтӕ».
Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се ’ппӕты дӕр ныццагътам».
Цӕгъдинаг фыстӕ ӕмӕ стуртӕн та адӕм сӕ хуыздӕртӕ уый тыххӕй райстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ӕрхӕссой Гилгалы».