Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:8
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.


Уламы фырттӕ уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, дӕсны фатӕхсджытӕ. Сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот уыдысты дӕс ӕмӕ авдыссӕдз. Адон се ’ппӕт дӕр сты Бениамины байзӕддӕгтӕ.


Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.


Роховамӕн йӕ паддзахдзинады фӕндзӕм аз Мысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион нал уыдысты.


Шишакы ӕфсады уыдис иу мин ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕцӕн уӕрдоны ӕмӕ ӕртиссӕдз мин бӕхджыны, ноджы ма ӕнӕнымӕц адӕм Мысырӕй, Ливи, Сукки ӕмӕ Кушӕй.


Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.


Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл.


Уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ, меунӕгтӕй дӕр семӕ чидӕртӕ баиу ис, афтӕмӕй Иосафаты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.


Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ