Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:7
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Асайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, йе ’хсар, цы сгуыхтдзинӕдтӕ равдыста ӕмӕ цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Зӕрондырдӕм йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ цӕуынхъом нал уыд.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Иудейӕгтӕн бардзырд радта, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ӕххӕст Ын кӕной Йе ’гъдау ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ.


Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.


Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ.


Миныхицӕуттӕ Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: ӕхсарджын хӕстон Елйада ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ мин лӕджы — ӕрдынтӕ ӕмӕ уартытӕй ифтонг;


Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта.


Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ.


Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ.


Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.


Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд.


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.


Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис.


Бардарӕг уыны рӕстгӕнджыты ӕмӕ сын хъусы сӕ куывд; фыдгӕнджытӕн та Хуыцау сӕ ныхмӕ у».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ