Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:6
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр мӕнӕн та Дунедарӕг радта ӕнцой, фыдгул мын нал ис ӕмӕ сӕдас дӕн алырдыгӕй дӕр.


Дунедарӕг Моисеймӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. У фидар ӕмӕ ӕхсарджын ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс, дӕ ныфс макуы асӕттӕд.


Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.


Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта.


Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта.


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


Цыдӕриддӕр-иу сфӕнд кодта — Хуыцауы Кувӕндонӕн балӕггад кӕнын, Ӕгъдау ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ сӕххӕст кӕнын — алы хъуыддаджы дӕр агуырдта Хуыцауы ӕмӕ архайдта зӕрдиагӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыди ӕнтыстджын.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,


Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы бӕстӕ уыди сабыр. Уый фӕстӕ Кеназы байзӕддаг Гофниел амард.


Уыцы бон израилӕгтӕ моавӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Цыппарыссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.


Дунедарӕг, Де знӕгтӕ афтӕ фесӕфӕнт! Дунедарӕджы Чи уарзы, уыдон та — тӕмӕнкалгӕ хуры ӕнгӕс! Дыууиссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ