4 Иудейӕгтӕн бардзырд радта, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ӕххӕст Ын кӕной Йе ’гъдау ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ.
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.
Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.
Иудейы сахарты цы кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ хуры цыртсурӕттӕ уыди, уыдон фехалын кодта. Асайы рӕстӕджы Иудейы паддзахады сабыр рӕстӕг скодта.
Паддзахы бинонтӕ, стӕй Кувӕндон ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕрбакодтой авд галы, авд фыры, авд уӕрыччы ӕмӕ авд цӕуы. Ӕмӕ паддзах сауджынтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссой.
Езекиа иууылсудзинӕгтӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрын кодта, ӕмӕ сыл арт куы бандзӕрстой, уӕд зарӕггӕнджытӕ Дунедарӕджы кадӕн ныззарыдысты, хӕтӕлтӕй ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтӕй цагътой, афтӕмӕй.
Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.
Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.
Езекиа уыдоны тыххӕй скуывта: «Хӕрзаудӕнгӕнаг Дунедарӕг ныххатыр кӕнӕд, Дунедарӕгмӕ, йӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи тырны, фӕлӕ Кувӕндоны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕнын кӕмӕн нӕ бантысти, уыдонӕн!»
Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.
Бафӕдзӕхстон, агъуыст сыгъдӕггонд куыд ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы галуаны мигӕнӕнтӕ, хойраджы хуынтӕ ӕмӕ буд фӕстӕмӕ уырдӕм хаст куыд ӕрцӕуой, афтӕ.
Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».
Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.