Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:3
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ.


Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе ’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой.


Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Иудейӕгтӕн бардзырд радта, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ӕххӕст Ын кӕной Йе ’гъдау ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ.


Кӕд Израилы зӕххыл кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, уӕддӕр цӕрӕнбонты тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл.


Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.


Иосиа ныппырх кӕнын кодта Баалты нывондхӕссӕнтӕ, стӕй, цы будсудзӕнтӕ сыл уыди, уыдон дӕр. Уый акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕ. Иууылдӕр сӕ ныззыгуым кодта ӕмӕ сӕ, кӕддӕр сын нывӕндтӕ чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныххӕлиу кодта.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ