Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:2
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аса, йӕ фыдӕл Давидау, арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ.


Йӕ зӕххӕй фӕсырдта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, аппӕрста, йӕ фыдӕлтӕ цы хуыцаугӕндтӕ скодтой, уыдон.


Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта. Фӕлӕ уӕддӕр Аса цӕрӕнбонты иузӕрдион уыди Дунедарӕгыл.


Авийа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса. Йӕ заманы бӕстӕ дӕс азы дӕргъы сулӕфыди хӕстӕй.


Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта.


Ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайдта Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Иудейы зӕххыл мӕнгхуыцӕуттӕн арӕзт кувӕн къуыбыртӕ фехӕлдта ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Иосафат цыди йӕ фыд Асайы фӕндагыл, иуӕрдӕм дзы никуы фӕзылди, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта.


Уыцы заман ӕм пехуымпар Илийа ӕрбарвыста ахӕм фыстӕг: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау: ды нӕ бафӕзмыдтай дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ фыд Иосафаты, стӕй дӕ фыды фыд Асайы, Иудейы паддзахы.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Ӕппӕт адӕттӕ сарӕзта Езекиа ӕгас Иудейы. Уый кодта хорз, раст ӕмӕ Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ.


Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ.


Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.


ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕдасӕй, цӕмӕй цӕргӕбонты Йӕ цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕмыл нымад уӕм.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, табуйаг дурцӕджындзтӕ афадут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ арты хай бакӕнут, сӕ гуымирытӕ сын ныззыгуым кӕнут, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа уыцы рӕтты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ