Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 14:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Аса сӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары онг фӕсырдта. Цагъды фесты эфиопӕгтӕ, иунӕг дӕр сӕ нал аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йе ’фсад рацыдысты сӕ ныхмӕ. Иудейӕгтӕ ратӕлӕт кодтой ӕнӕнымӕц ӕфтиаг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 14:13
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзарвӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.


сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


Авраам уырдыгӕй араст ис Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕнцади Кадешӕй Шуры ’хсӕн. Иу заман царди Герары.


Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.


Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


Гъе афтӕ ӕрвылбон дӕр цыдысты Давиды фарс рахӕцынмӕ, ӕмӕ йе ’фсад сбирӕ ис, растдӕр Хуыцауы ӕфсадау.


Шишакы ӕфсады уыдис иу мин ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕцӕн уӕрдоны ӕмӕ ӕртиссӕдз мин бӕхджыны, ноджы ма ӕнӕнымӕц адӕм Мысырӕй, Ливи, Сукки ӕмӕ Кушӕй.


Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.


Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой.


Иудейы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоныл Дунедарӕджы раз тас бахӕцыд, ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хастой Иосафаты ныхмӕ схӕцынмӕ.


Бӕстӕйы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны цӕрджыты стыр тас бацыди, Дунедарӕг Израилы фыдгулты ныхмӕ Йӕхӕдӕг хӕцыд, уый куы фехъуыстой, уӕд.


Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!


Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?


йӕ исбон йӕ хӕсты ныхмӕ фиддонӕн бахъӕуӕд, йӕ фӕллой хӕлӕттаг фӕуӕд;


Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,


Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»


Дӕ цагъарӕн йӕ азым ныббар. Дунедарӕг ме ’лдарӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн ӕнӕмӕнг ратдзӕни мыггагмӕйы паддзахиуӕджы бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архайы ме ’лдар, ӕмӕ дӕм дӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты дӕр хӕрамдзинад нӕ разындзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ