12 Ӕмӕ Дунедарӕг Аса ӕмӕ иудейӕгтӕн уӕлахиз радта. Эфиопӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.
сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.
Ратардтой сын сӕ фос: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мины теуатӕ, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мины лыстӕг фос, дыууӕ мины та хӕрджытӕ. Сӕ адӕмӕй сын сӕдӕ мины райстой уацары.
Шишакы ӕфсады уыдис иу мин ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕцӕн уӕрдоны ӕмӕ ӕртиссӕдз мин бӕхджыны, ноджы ма ӕнӕнымӕц адӕм Мысырӕй, Ливи, Сукки ӕмӕ Кушӕй.
иудейӕгтӕ та иууылдӕр иумӕ тохы хъӕр ныккодтой. Ӕмӕ, иудейӕгтӕ куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд Дунедарӕг Авийа ӕмӕ иудейӕгтӕн сӕ цӕстыты раз Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгты ныддӕрӕн кодта.
Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой.
Стауын ӕмӕ зарын куы райдыдтой, уӕд Дунедарӕг аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджыты кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта, ӕмӕ цагъды фесты.
Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.
Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.
Бузныг Хуыцауӕй — Уый нын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!
Уымӕ гӕсгӕ ӕз, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыцы згъорӕгау нӕ дӕн; армӕйхӕцӕгау ӕз уӕлдӕф тымбылкъухӕй дзӕгъӕлы нӕ хойын.
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!
Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.