1 Авийа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса. Йӕ заманы бӕстӕ дӕс азы дӕргъы сулӕфыди хӕстӕй.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ мад уыди аммонаг чызг, Наама — йӕ ном. Роховамы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авиам.
Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.
Соломоны фырт — Роховам, уый фырт Авийа, уый фырт Аса, уый фырт Иосафат,
Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.
Уыцы заман ӕм пехуымпар Илийа ӕрбарвыста ахӕм фыстӕг: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ фыдӕл Давиды Хуыцау: ды нӕ бафӕзмыдтай дӕ хъуыддӕгтӕй дӕ фыд Иосафаты, стӕй дӕ фыды фыд Асайы, Иудейы паддзахы.
Ӕппӕт адӕттӕ сарӕзта Езекиа ӕгас Иудейы. Уый кодта хорз, раст ӕмӕ Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ.
Соломон куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис.