Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 13:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 13:9
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы хабары фӕстӕ дӕр Йоровам йӕ галиу митӕ нӕ ныууагъта. Бынӕттон кувӕндӕттӕн-иу адӕмӕй сауджын суын кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уый-иу сӕвӕрдта сауджынӕй.


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон уыдысты хуыцӕуттӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы къухӕй конд хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ, ӕмӕ сӕ уымӕн бабын кодтой.


иннӕ хай та — сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕн, стӕй ӕрмдӕсныты алы мийӕн. Кӕй ма уӕ фӕнды абон йӕ рӕдау мысайнаг Дунедарӕгӕн рауӕлдай кӕнын?»


Махӕн та нӕ Хуыцау у Дунедарӕг, нӕхи Йыл нӕ атигъ кодтам. Махмӕ Йын лӕггад кӕнынц сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кӕнынц.


Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.


Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕн. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй авд боны дӕргъы фӕлхат кӕн ацы ӕгъдау.


Моисей сын ноджы загъта: «Ацы бон сымах уӕхи снывонд кодтат Дунедарӕгӕн уазлӕггад кӕнынӕн: ничи уӕ бавгъау кодта Уымӕн йӕ фырты дӕр ӕмӕ йе ’фсымӕры дӕр, ӕмӕ Дзы арфӕгонд стут!»


Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.


«Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты.


Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.


Тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕд, йӕ фыды бынатмӕ сауджынӕн кӕй байсӕрстой, уый. Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — уаз дарӕс,


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ.


Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ