Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 13:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 13:22
4 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.


Авийайӕн та йӕ хъомыс рӕзыди. Уый ракуырдта цыппӕрдӕс усы, ӕмӕ йын райгуырди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз фырты, стӕй ӕхсӕрдӕс чызджы.


Иоасы фыртты хабӕрттӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ рагуацтӕ загъд ӕрцыди, уыдон, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар рацаразыны хабӕрттӕ фыст сты «Паддзӕхты чиныджы таурӕгъты». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ