21 Авийайӕн та йӕ хъомыс рӕзыди. Уый ракуырдта цыппӕрдӕс усы, ӕмӕ йын райгуырди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз фырты, стӕй ӕхсӕрдӕс чызджы.
Авиамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, цыдӕриддӕр бакодта, уыдон, фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Авиам ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн цыди хӕстытӕ.
Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта.
Авийайы заман Йоровам раздӕрау хъомысджын нал сси. Ӕппынфӕстаг Дунедарӕджы фӕндӕй амарди.
Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.
Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ.
Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт.