20 Авийайы заман Йоровам раздӕрау хъомысджын нал сси. Ӕппынфӕстаг Дунедарӕджы фӕндӕй амарди.
Йоровам Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы. Куы амарди, уӕд йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Надав.
Израилы паддзах Йоровамы паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Аса.
Авийа та дарддӕр сырдта Йоровамы. Бацахста йын йӕ сахартӕ: Вефил, Йешана ӕмӕ Ефрон сӕ алыварс хъӕутимӕ.
Авийайӕн та йӕ хъомыс рӕзыди. Уый ракуырдта цыппӕрдӕс усы, ӕмӕ йын райгуырди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз фырты, стӕй ӕхсӕрдӕс чызджы.
«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.
Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.
Иу дӕс боны фӕстӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта, ӕмӕ амард.
Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!