2 Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн хӕст райдыдта.
Йоровамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йӕ хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ, паддзахиуӕг куыд кодта, уыдӕттӕ, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Йоровам Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы. Куы амарди, уӕд йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Надав.
Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕртӕ азы. Йӕ мад уыди Авессаломы чызг Мааха.
Уый фӕстӕ Роховам ракуырдта Авессаломы чызг Маахайы, ӕмӕ йын уый ныййардта Авийа, Аттай, Зиза ӕмӕ Шеломиты.
Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.
Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.
Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.
Ӕмӕ дарддӕр ацыдысты. Бениамины зӕххыл Гевӕйы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕдмӕ хур аныгуылди.
Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.
Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр.