Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 13:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Авийа та дарддӕр сырдта Йоровамы. Бацахста йын йӕ сахартӕ: Вефил, Йешана ӕмӕ Ефрон сӕ алыварс хъӕутимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 13:19
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.


Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Авийайы заман Йоровам раздӕрау хъомысджын нал сси. Ӕппынфӕстаг Дунедарӕджы фӕндӕй амарди.


Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта.


Иудейы фидаргонд сахартӕм йе ’фсӕдтӕ барвыста, стӕй ӕгас Иудейы зӕххыл ӕмӕ, йӕ фыд Аса Ефремы зӕххыл цы сахартӕ бацахста, уыдоны дӕр йе ’фсӕдтон къордтӕ равӕрдта.


Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо ӕргомӕй иудейӕгты ӕхсӕн нал фӕзынд, фӕлӕ уырдыгӕй ацыд Эфраиммӕ — ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕввахс чи уыди, уыцы сахармӕ; ӕмӕ уым уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.


Уӕхӕдӕг та ма банцайут уе знӕгты сурынӕй. Чъылдымӕрдыгӕй сӕ цӕгъдут, сӕ сахартӕм баирвӕзын сӕ ма бауадзут: уӕ къухтӕм уын сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».


Бацахста йӕ ӕмӕ йын йӕ паддзахы уацары райста, бацахста йын йӕ алыварс сахартӕ дӕр. Карды амӕттаг сӕ бакодтой, цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Йешуа дзы аирвӕзыны фадат иуӕн дӕр нӕ радта. Хевроны сахар ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй Ливнӕйы сахар ӕмӕ йӕ паддзахы куыд бафхӕрдта, раст афтӕ бафхӕрдта Девиры сахар ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр.


Афтӕмӕй Йешуа басаста уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхты дӕр, сӕ сахартӕ сын бацахста ӕмӕ сын сӕ адӕмы ныццагъта. Дунедарӕджы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ бабын кодта Дунедарӕджы номыл.


Хохы сӕрӕй арӕн фӕзылди Нефтоахы донгуырӕнмӕ ӕмӕ рахызт Ефроны хӕхбӕсты сахартӕм, уырдыгӕй та фӕзылди Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ).


Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ