2 Азфыстытӕ 13:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст18 Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»
Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.