17 Авийа йе ’фсадимӕ израилӕгтӕй бирӕты фӕцагъта, Израилы адӕмӕй тохы быдыры фӕмард ис фондзсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны.
Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!
Израилӕгтӕ лидзӕг фесты, фӕлӕ сӕ Хуыцау иудейӕгты къухтӕм радта.
Афтӕмӕй израилӕгтӕ саст ӕрцыдысты, иудейӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.
Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.
Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.
Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.
Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?