2 Азфыстытӕ 13:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст15 иудейӕгтӕ та иууылдӕр иумӕ тохы хъӕр ныккодтой. Ӕмӕ, иудейӕгтӕ куы ныхъхъӕр кодтой, уӕд Дунедарӕг Авийа ӕмӕ иудейӕгтӕн сӕ цӕстыты раз Йоровам ӕмӕ ӕппӕт израилӕгты ныддӕрӕн кодта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»