13 Йоровам иудейӕгтӕн сӕ фӕсчъылдыммӕ йе ’фсады иу къорд барвыста, йӕхӕдӕг та сӕ ныхмӕ лӕууыд.
Наваты фырт Йоровамы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейӕн паддзах сси Авиам.
Стауын ӕмӕ зарын куы райдыдтой, уӕд Дунедарӕг аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджыты кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта, ӕмӕ цагъды фесты.
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Загъта сын: «Бабадут сахары чъылдыммӕ. Сахары цурӕй дард ма ацӕут, уе ’ппӕт дӕр уӕхи цӕттӕ дарут.
Афтӕмӕй сӕ арвыста Йешуа ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты Вефилӕй Гайы ’хсӕн, сахарӕн йӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй фарс. Йешуа та бахсӕвиуат кодта йе ’фсады иннӕ хаимӕ.