Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 13:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 13:11
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».


Махӕн та нӕ Хуыцау у Дунедарӕг, нӕхи Йыл нӕ атигъ кодтам. Махмӕ Йын лӕггад кӕнынц сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кӕнынц.


Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.


Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Алы бон дӕр-иу уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхӕсс дыууӕ уӕрыччы.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад нӕ кодтат, уӕхи бӕсты-иу дзы ӕндӕрбӕстӕгты лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдтат.


Уый-иу рауӕлдай кӕнут сауджынтӕн, Цадокы байзӕддагӕй чи у, Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад чи кодта, уыдонӕн. Израилӕгтӕ Мӕ куы ныууагътой, уӕд мыл адон иннӕ левиттау сӕхи нӕ атигъ кодтой.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


Будсудзӕнтӕ райсут, Корах ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ,


Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.


Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ