10 Махӕн та нӕ Хуыцау у Дунедарӕг, нӕхи Йыл нӕ атигъ кодтам. Махмӕ Йын лӕггад кӕнынц сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кӕнынц.
Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.
Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут.
Афтӕ ссыгъдӕг кодтон сауджынтӕ ӕмӕ левитты ӕппӕт ӕцӕгӕлон чъизитӕй, ӕмӕ сӕ алкӕй дӕр ногӕй бафтыдтон йӕ куыстыл.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».
Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах Хуыцау у, Уый ракодта мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр Мысыры зӕххӕй, цагъайраджы ӕфсондзы бынӕй, ӕмӕ нын равдыста стыр диссӕгтӕ. Фӕндагыл нӕ хъахъхъӕдта райдайӕнӕй кӕронмӕ. Хъахъхъӕдта нӕ, цы адӕмты зӕххыл-иу цыдыстӕм, уыдоны фыдӕхӕй дӕр.