8 Фӕлӕ йӕ дӕлбар уыдзысты, цӕмӕй зоной: Мӕнӕн ӕви ӕндӕр адӕмты паддзӕхтӕн лӕггад кӕнын хуыздӕр у».
Ӕмӕ цагъартӕ систӕм ныр. Ды нӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, — цӕмӕй йӕ тыллӕг ӕмӕ йӕ бӕркадӕй ӕфсӕдой, — уыцы зӕххыл цагъартӕ систӕм.
Рӕстгӕнджытӕ цинӕй райынц, уыдӕттӕ уынгӕйӕ, ӕнаккӕгтӕн та сӕ бон зӕгъын дӕр ницыуал вӕййы.
О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр ныл ӕлдариуӕг кодтой, фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ номӕн кӕнӕм кад!
О Дунедарӕг, бафхӕр мӕ, ӕрмӕст мӕстыйӕ нӕ! Аккаг ӕфхӕрд мын ратт, фӕлӕ мӕ сафгӕ ма фӕкӕн!
Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.
Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой).