2 Азфыстытӕ 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Дунедарӕг, фӕсмон сӕм ӕрцыди, уый куы федта, уӕд пехуымпар Шемайайӕн загъта: «Кӕд сӕ азымыл басастысты, уӕд сӕ нал ныццӕгъддзынӕн, рӕхджы сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Йерусалимыл Мӕ маст нӕ ныккалдзынӕн, Шишакы амӕттаг ӕй нӕ бакӕндзынӕн. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
«Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут мӕн тыххӕй, стӕй ма, Израил ӕмӕ Иудейы сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдоны тыххӕй дӕр. Цы чиныг ссардӕуыд, уым цы фыст ис, уыдӕттӕн цы кӕнгӕ у? Уымӕн ӕмӕ нӕм Дунедарӕг тынг мӕсты у, нӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл».