2 Роховамӕн йӕ паддзахдзинады фӕндзӕм аз Мысыры паддзах Шишак ӕрбабырста Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион нал уыдысты.
Соломон бахъавыд Йоровамы амарынмӕ, фӕлӕ уый ӕвӕстиатӕй алыгъди Мысырмӕ, Мысыры паддзах Шишакмӕ, ӕмӕ Соломоны амӕлӕты бонмӕ царди уым.
Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.
Сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыд эфиопаг Зерах, йе ’фсады уыди мин мины хӕстонтӕ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ тохуӕрдоны. Ӕрбахӕццӕ ис Марешайы сахармӕ.
Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.
Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты. Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм, рӕувад минӕвӕрттӕ! Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ.
Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Нӕ зӕрдӕты куы амард цин, нӕ кафт куы раивта кӕуынӕй!