Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 12:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 12:15
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау пехуымпар Шемайайӕн загъта:


Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.


Дунедарӕг Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Шемайайӕн загъта:


Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“».


Йоровамӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейы паддзах сси Авийа.


Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста ӕртӕ азы. Йӕ мады ном хуынди Михайа; уый уыди Уриелы чызг, Гевӕйы сахарӕй. Авийа ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн хӕст райдыдта.


Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.


Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».


Йӕ паддзахдзинады иннӕ хабӕрттӕ, стӕй йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ