Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 12:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Роховам йӕ паддзахы бадӕны ӕрфидар ис ӕмӕ дарддӕр паддзахиуӕг кодта Йерусалимы. Паддзах куы сси, уӕд ыл цыдис иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Йӕ номыл кӕй равзӕрста, уыцы сахар Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыдис аммонаг чызг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 12:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,


уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.


Соломоны фырт Роховам Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Дунедарӕг Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕппӕт зӕххытӕй цы сахар равзӕрста, Йӕ ном дзы цӕра, уый охыл, уыцы Йерусалимы Роховам паддзахиуӕг фӕкодта ӕвддӕс азы. Йӕ мад Наама уыди аммонаг чызг.


Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы ’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр.


Йӕ алыварс ӕнаккаг ӕмӕ ницӕйаг адӕм ӕрӕмбырд сты, сӕ хъарутӕ баиу кодтой ӕмӕ сыстадысты Роховамы, Соломоны фырты, ныхмӕ. Роховам та уӕд нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕныфс уыди, ӕмӕ сын ныхкъуырд раттын йӕ бон нӕ баци.


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Уыцы бон ӕппӕт дзыллӕйы раз хъӕрӕй кастысты Моисейы чиныг. Уым фыст уыди, аммонаг ӕмӕ моавагӕн Хуыцауы адӕмы ӕхсӕнмӕ бацӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ,


Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Сахары алыварс ӕдӕппӕтӕй у ӕстдӕс мин ӕлмӕрины. Йӕ ном фидӕны уыдзӕни: «Дунедарӕг уым ис».


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ